Киевы патриархийы хъусын кæнынц, цæмæй рæстдинон аргъуанты иугæнæг æмбырд 22 ноябры нæ сырæздзæн

Киевы патриархий  дæуд кæны информацийыл, кæцымæ гæсгæ   иугæнæг æмбырд  22  ноябры  хъуамæ сырæза.  Уый фæдыл  фидиуæн  ахæлиу кодта архиепископ  Евфстратий.

«Ноджы  иухатт   райхалыдзынæн, цæмæй  æмбырды  датæ æрмæст  официалон   информацийы  ахæлиуы  фæстæ  суыдзæн бæрæг» – фыссы  Евфстратий  социалон  хызагы.

Уæдмæ Украинаг   рауагъдад  Golos.ua ахæлиу кодта хъусинаг, ома  Киевы, Украинæйы архайæг  рæстдинон  аргъуанты  иугæнæг  æмбырд 22  ноябры  сырæздзæн.  Ацы ратæдзæны  информацийæ,    æмбырдыл зæгъгæ сывзардзысты  аргъуаны сæргълæууæгы, кæцыйæн Стамбулы Дунейы  Патриарх  28-29 ноябры  Томос адæтдзæн.