Киевмæ ныццыдсты цæгат Европæйы авд бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ
Киевмæ цæгат Европæйы авд бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ ныццыдсты. Украинайы сæйраг горæты сты Лиетувæйы, Латвийы, Эстонийы, Финляндийы, Швецийы, Норвегийы æмæ Исландийы минæвæрттæ.
Визиты æвдисæг иумæйаг къам Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс æмæ Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергис социалон хызаджы публикаци кæнынц.
«Мах, Эстонийы, Финляндийы, Швецийы, Норвегийы, Исландийы, Лиетувæйы æмæ Латвийы министртæ, абон Киевмæ æрцыдыстæм, цæмæй Украинайæн сбæлвырд кæнæм æххæст солидарондзинад. Уырыссаг ракетæты къæвда æмæ гуымиры сырдон митæм нæкæсгæ, Украина уæддæр фæуæлахиз уыдзæн» – фыссы Ринкевичс «Твиттеры».