Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Тбилисы уæлдæфы счъиззийы сæйраг аххос у автотранспортæй цæугæ фæздæг
Тбилисы атмосферон уæлдæфы счъиззийы сæйраг аххос, автотранспортон фæрæзты фæздæг у, – уый фæдыл дзырдæуы парламенты æрдзы хъахъъхæды æмæ æрдзон ресурсты комитеты æрцæттæгонд хыгъдлæвæрды, кæцы сæйраг сахары атмосферон уæлдæфы счъиззийы сæйраг ратæдзæнтæм æххæссы.
Документы мидæг дзырдæуы, паддзахадон аудиты куысты хыгъдлæвæрды тыххæй, кæцыйы мидæг фыст ис, цæимæй зæгъгæ атмосферон счъиззийы дыууæ сæйраг гуырæн ис: стационарон ратæдзæнтæй – кондад æмæ арæзтадон объекттæй знаггадгæнæг буарадты эмиси æмæ змæлгæ гуырæнтæй сæвзæргæ – уæлдæфы счъиззи автотранспортæй рацæуæг знаггадгæнæг буарадтæй.
«Сæрмагодæй банысан кæнинаг у дыккаг гуырæн уымæн æмæ: автомобилæй рацæуæг знаггадгæнæг буарадтæ, æппæтон счъиззийы 71 процент у æмæ ацы рæстæджы, бæстæйы уæвæг автотранспортон фæрæзты 37 процент, æмбырд сты Тбилисы. Сæйраг сахары, куыд транзитæй змæлæг, афтæ иудадзыгæй уæвæг автотранспортон фæрæзты нымæц бирæ уæлдай у, уымæн æмæ бæстæйы цæрджыты фылдæр хай, Тбилисы кусынц æмæ фылдæр, автомобилы эксплуатацимæ у баст. Аудиты хатдзæджы хъусдард растдæр сæйраг сахары автотранспортон фæрæзтæ цы фæздæг уадзынц уымæй сæвзæргæ уæлдæфы счъиззийы æрдæм здахы.
Афтæма, Тбилисы мэрийы фидиуæнæй, 2019 азы кæронмæ æхсæнадон транспорт ног, нырыккон фæрæзтæй æрцæудзæн ивд, фæлæ дзырдæй байхъусыты рæстæджы нæ фæбæрæг ис, ис æви нæ зæронд а.х. бургъуыз автобусты утилизацийы план. Бур автобусты фылдæр хай, стандарттæм æмбæлон не сты æмæ уæлдæфы счъиззийы иуæй-иу аххос у. Уæдæ ивды фæстæ ацы æнæбæззон автобустæ, урæд хъуамæ æрцæуой ( кæд сæ рацалцæг кæныны гæнæн нал ис, уæд) æмæ сæ Гуырдзыстоны æндæр сахартæм ма хъуамæ арвитой.
Хъуамæ банысанæуа, цæмæй бæстæйы автопаркы 90 процентæй фылдæр, 10 азæй зæронддæр автотранспортон фæрæзтæ сты, кæцы фæдисон æмæ сериозон проблемæ у. Уымæй дарддæр ма, тематон иртасæны рæстæджы фæбæрæг ис, цæмæй бæрзонд гуырахсты змæлынгæнæнджын автомобилты, сæ хицæуттæ арæх газы системæ монтаж кæнынц. Фæнысангонд системæтæ фылдæр рæстмæ нæ кусынц, фылдæр фæздæг уадзынц æмæ æрдз фылдæр чъиззи кæнынц. Разагъд хъуыдымæ гæсгæ, фондз азæй зæронддæр автомобильты таможнæйыл регистрацийæн хъæугæ домæнтæ фæкарздæр кæнын хъæуы, кæцы афтæдæр æххæссы, таможнæы сæ фидтоны фæфылдæрмæ. Афтæдæр нысанæмрастыл нымад цæуы бæрзонд фидтон сфидар кæнын стыр гуырахсты змæлынгæнæнджын автомобильтыл», – банысангонд у хыгъдлæвæрды.