Хвича Кварацхелиайы «Болоньяимæ» матчы, хуыздæр футболистыл банымадтой
Хвича Кварацхелиайы Сериа А-ы ног сезоны «Стадио Мараднæйыл» уагъд фыццаг матчы, сегасдæр хуыздæр футболистыл банымадтой.
«Наполи» Италиайы чемпионаты «Болонья»-йæн сфысым кодта, æмæ 3:0 рамбылдта, кæцыйы гуырдзиаг футболист скуыддзаггæнæг рол сыххæст кодта – йæ лæвæрдтæй хыгъд бакодта неаполæгты капитан Джованни Ди Лоренцо, 75-æм минтуыл та Хвича йæхæдæг дæр баппæрста гол.
Италиайы чемпионаты партнер телекомпани «DANZ» æмæ æндæр акæнæг рауагъдадтæ матчы хуыздæр футболистыл банымадтой Хвича Кварацхелиайы.
Спортивон портал «Flashscore» Гуырдзыстоны æмбырдгонд лидеры хъазтæн саргъ кодта 8,9 аллæй, «Sofascore» – 9,2 баллæйы, æрмæст «Whoscored» – та зæгъæн ис, идеалон аргъ скодта – 9.8 баллимæ.