Хуссар æрдæгсферайы баталынг æрцыд (фото) 2-æм июлы сабыр океаны хуссар хайы æмæ Хуссар Америкайы хуры баталынг æрцыд. Чили æмæ Аргентинæйы хайы цæрджытæ хуры æххæстæй баталынг федтой, мæй хуры рухс æнæхъæнæй бамбæхста. Зынд æрмæст нæ сталыйы сæр. Аргентинæ æмæ Чилийы иннæ территоритыл æрдæгæй баталынг федтой.