Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов хъусын кæны, цæмæй Дманисы быцæугонд фарсытæ бафидыдтой
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов Дманисы æрцæугæ быцæудзинады фæдл райхъусын кодта, цæмæй фарсытæ бафидыдтой. Уый фæдыл муфтий хицауады æмæ быцæу фарсыты æхсæн фембæлды фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарсытæ фидыдыл сразы сты æмæ конфликт нал адарддæр уыдзæн.
«Уырнæг дæн нæ адæм нæ бауадздзæнис, конфликты цырын кæнын, уыдон кæддæриддæр фидыды æмæ сабыр æмцарды фарсхæцджытæ сты. Гуырдзыстоны цæрæг алы этносы нысан хъуамæ уа, нææ кæрæдзимæ нæ къухтæ раттæм æмæ стыхджын кæнæм нæ кæрæдзи» – райхъусын кодта Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов.
Дманисы, иуæй-иу дуканийы цур быцæудзинад знон æрцыд. Инциденты рæстæджы дуканийы хицауы фæнадтой. Скуынæг ис дуканийы инфраструктурæ. Иуæй-иу бынæттон рауагъдад знон ахæлиу кодта инциденты æвдисæг видео-кадртæ, кæцы дуканийы цур монтажгонд цæстдарæн камерæ сфиксир кодта. Æнæхъæн æхсæвы дæргъы Дманисы пъæлицæйы хайады цыдис æрфарст. Дманисы фæзындты тыххæй цалдæр адæймаг сты ахст.
Уыимæ иумæ Дманисы абон сæумæрасомæй уавæр фæкарз ис. Бынæттонты æхсæн быцæудзинад цалдæр хатт æрцыд. Уавæры æрсабыр кæнын архайдтой барадхъахъхъæнджытæ.
Бынатыл абон нуыдысты Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури, паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæг Григол Лилуашвили æмæ парламенты хæдуынаффæйы комитеты сæрдар Созар Субари æмæ парламенты уæнг Гоги Мешвелиани.