Хурныгуылæн Гуырдзыстоны муфтий ныфс æвæры, цæмæй Букнарийы уавæр тагъд æрсабыр уыдзæн
Ныфс мæ ис алцыппæт цыбырдæр æмгъуыдтæм аскуыддзаг уыдзæн, уавæр æрсабыр уыдзæн æмæ иу нацийы минæвæрттæ фæстæмæ иумæ, хæларæй адарддæр кæндзысты иу хъæуы цæрын – уый фæдыл Ныгуылæн Гуырдзыстоны муфтий, Адам Шантадзе Букнарийы хъæуы уæвæг уавæры фæдыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ тыхдзинад æмæ быцæудзинад нæрйасгæ сты æмæ проблемæтæ æрмæст диалогæй æмæ бадзырдтæй хъуамæ аскуыддзаг уа.
«Знон куыддæр ацы уацы тыххæй фехъуыстон, афтæмæй ныццыдтæн Букнаримæ. Сæхæдæг кувæггæнджытæ дæр хъыгтæ дзурынц, цæмæй ахæм мæстаг фактты æвдисæн у хъæу æмæ цæттæдзинад æвдисынц, цæмæй уаваæр стабилон суа. Æрмæст сæ ма бахъыг дарой кувыны рæстæджы. Скуывдтæ нырид цалдæр мæй у цы цæуынц. Алчи иумæ хъуамæ бацархайæм, бакусæм – падлздахад, дзыллæ, духовон уæнгтæ, масмедиа, цæмæй стабилон суа уавæр æмæ уæм конституцийæ бæрæг дины сæрибары гарант. Мах ацы бæстæйы хъæбултæ стæм иууылдæр. Нæ кæрæдзийыл хъуамæ ауæрдæм. Хъауджыдæрдзинад ацы цауы та дин, нæ бæстæйы историон культурон бонджындзинад у æмæ ацы биргъуызондзинадæй стæм абон хъал. Уый æппæтыл ауæрдын æмæ фидар кæнын хъæуы. Ныфс мæ ис бадзырды æмæ хицауады бастдзинадæй, цыбырдæр æмгъуыдтæм уавæр ифтыгъд суадздзæн æмæ адæм æрыздæхдзысты сабыр цардмæ. Уымæн альтернативæ нæй» – райхуъсын кодта Адам Шантадзе.