Хуберт Книрш - парламентæн легитимаци лæвæрд цæуы уырдæм оппозицийы бацæуынæй нæ фæлæ адæмæй, æвзæрстыты фæстиуæгæн
Æвзæрстытыл манипуляциты бæлвырдгæнæнтæ нæ фæфиппайдтон – «Имедис Къвирайы» эфиры загъта Гуырдзыстоны Германийы минæвар Хуберт Книрш. Информаци хъусын кæны «Имединьюс».
Минæвар фæныхас кодта уый фæдыл, цæмæй цас раст скуыддзаг рахаста оппозици парламентæн бойкот расидыны фæдыл.
«Ивгъуыд къуырийы фæныхас кодтон цалдæр оппозиционер политикимæ. Зонын, бирæтæ сæ тынг ныфссаст кæй сты æвзæрстыты фæстиуджытæй. Æндæр фæстиуæгы ныфс сæ уыд æмæ уый тыххæй æнхъæлынц, цæмæй ацы æвзæрстытæ хæлдтытæй ацыдысты æмæ æрцыд уымæй манипуляцитæ. Нæ ауыдтон ахæм манипуляциты бæлвырдгæнæнтæ. Афтæдæр нæ фехъуыстон æмбæлгæ претензитæ, цæмæй куыд æмæ цы хуызæй æрцыд ацы æвзæрстытæй манипуляци. Фæлæ парламент йæ легитимаци исы адæмæй, æвзæрстыты фæстиуæгæн, оппозицийы уырдæм бацæуынæй нæ, фæлæ бæстæйы конституцимæ æмбæлгæйæ. Парламенты легитимондзинады æрдæм бынтон ницы фæивдзæн уымæй, спайда кæндзæн æви нæ исчи йæ мандатæй. Уырны мæ, цæмæй партитæ ноджы ахъуыды кæндзысты сæ позициты сæ архйдтыты тыххæй», – райхъусын кодта Хуберт Книрш.