Германийы минæвар Гуырдзыстоны, Хуберт Книрш дзуапп дæтты немыцаг рауагъдад «Билды» публикацигонд статийæн. Минæвар куыд хъусын кæны афтæмæй, зæгъгæ алкæмæн ис бар, сæрибарæй разæгъын сæрмагонд хъуыды йæ куысты тыххæй, фæлæ фæнысангонд стати нæ бандавдзæн йæ æмгуыстадмæ Гуырдзыстоны æнæхицауадон организацитимæ.
«Иуæй-иу немыцаг онлайн-медиафæрæз публикаци скодта стати нæ куысты фæдыл Гуырдзыстоны æмæ æнæхицауадон организацитимæ нæ ахастытыл, афтæдæр уыцы куысты тыххæй, кæцыйы æххæст кæны мæ бинойнаг Кутаисы æхсæнадæмон университеты. Алкæмæн ис бар, сæрибарæй разæгъын сæрмагонд хъуыды йæ куысты тыххæй, фæлæ фæнысангонд стати нæ бандавдзæн йæ æмгуыстадмæ Гуырдзыстоны æнæхицауадон организацитимæ.
Дарддæр кæндзыстæм кусын æмбырды сæрибардзинадæн, Гуырдзыстоны плюралистон политикон цардуагы тыххæй æмæ политикон тыхты æхсæн ныттынггонд уавæр ифтыгъд суадзынæн. Мæ бинойнаг Эва Мариайы тыххæй куы зæгъон, уæд æцæгдæр сæрыстыр дæн йæ интенсивон æмæ профессионалон куыстæй, кæцы æххæссы гуырдзиаг студентты ахуырадмæ компьютерон зонæдты, афтæма сæрыстыр дæн йæ æмбæстагон æмæ æхсæнадон активондзинадæй» – банысангонд у Хуберт Книршы фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны минæварад.
Немыцаг рауагъдад «BILD» публикаци скодта стати Гуырдзыстоны Гермнаийы минæвар Хуберт Книршы фæдыл. Статийы банысангонд у, цæмæй Книрш «нымад цæуы прохицауадон позици дарæг дипломатыл, йæ бинойнаг та «Гуырдзиаг бæллиццы» раздæры сæрдар Бидзина Иванишвилиимæ баст университеты кусы». Статийы авторы респондентты æхсæн сты «Националон Змæлды» уæнг Тина Бокучава, «Тбилиси прайды» минæвар Гиорги Табагари æмæ «Æхсæнадæмон Рæсуг – Гуырдзыстоны» уæнг Гиорги Ониани.