Хуберт Книрш - æвзæрстыты фæстиуджытимæ сфидауын у демократон хæсист
Æнæмæнгхъæугæ у, æдыхдзинæдтæм хъусдард, цыфæнды хъастыл хъуамæ уа реакци – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны Германийы минæвар Хуберт Книрш, хæдуынаффæйы æвзæрстыты дыккаг туры æмæ æхсæнадæмон цæстдарджыты аргълæвæрдыл ныхасы рæстæджы загъта.
«Æхсæнадæмон цæстдарджытæ бавдыстой аргълæвæрдтæ, Гуырдзыстоны бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты тыххæй. Ай уыдис деталдон, дифференциргонд æмæ балансгонд аргълæврд. Уыдон ауыдтой бирæ фæхуыздæр. Цæстдарджытæ, афтæдæр бахахх кодтой бирæ æдыхдзинад, кæцы нырма ис системæйы. Æнæмæнгхъæугæ у уыдонмæ хъус æрдарыл æмæ кæцыфæнды хъастыл уа реакци. Æвзæрстыты фæстиуджытимæ сразы æмæ демократон процессы кусын, фундаментон демократон хæсист у. Ацы куысты сын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, цææмй фæхуыздæр уа æмæ стынг уа бынæттон хæдуынаффæ Гуырдзыстоны. Курæг дæн Гуырдзыстоны хицауадæй, алы муниципалитетимæ кусæт активонæй æмæ æууæнкджынæй, æхсæнадæмон партнертимæ иумæ» – банысан кодта Хуберт Книрш.