Хуан Гуаидо хъусын кæны, цæмæй бæстæйы æфсæддон фæфæлдæхт нæй æмæ уый зæгъгæ у сабыр растад
Хуан Гуаидо ахæлиу кодта ног басидт. Социалон хызагы ахæлиугонд ныффысты Николас Мадуройы оппонент хъусын кæны, цæмæй бæстæйы æфсæддон фæфæлдæхт нæй æмæ уый зæгъгæ у сабыр растад.
Ног видео-басидты Хуан Гуаидо венесуэлайæгтæм æрсидтис уынгтæм рацæуынмæ. Рæстæгмæ президенты ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Николас Мадуройы хицаудзинад кæронмæ æркæныны нысанæй, æппæт Венесуэла иумæ хъуæмæ слæууа. Афтæма Хуан Гуаидойы бæлвырдмæ гæсгæйæ, Николас Мадуройæн зæгъгæ абон æфсад йæ фарс нæ хæцы.
Социалон хызаджы ахæлиугонд видеойы, Николас Мадуройы оппонент кæцы ран ис, уыцы бынат бавдыст нæу.