Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаджы æвдисæныл уæлæндæвды архайды аххосæй ахст Мераб Морчадзейæн аххосаг бавдыстæуыд
Тбилисы Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы æвдисæнмæ бандавыны аххосагæй, ахст Мераб Морчадзейæн аххосаг бавдыстæуыд официалонæй.
Морчадзейы зылынджын кæнынц тугтæрхоны барады кодексы 372 сатийы дыкккаг хайæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары æвдисæнмæ бандавын æхца банхъаргæйæ.
Морчадзейы адвокаты ныхæстæм гæсгæ, зылынмæ лæвæрд йæ аххосагыл сæтты.
Морчадзйæн æфхæрды мадзæлттыл, Тбилисы сахарон тæрхондон фæуынаффæ кæндзæн сом 11:00 сахатыл.
Уыйимæ иумæ аххосаг ныридæгæн бавдыстæуыд Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл, фыдракæнды тыххæй æнæсдзырды аххосæй ахст Мирза Субелианийæн.
Тбилисы Хоравайы уынгыл мард Давит Саралидзейы фыд, Заза Саралидзе, Мирза Субелианийы азымджын кæны фыдгæнджыты сæрыл дзурыны.
Хоравайы уынгыл дыууæ æнахъомы фыццаг декабры фæцæф кодтой. Леван Дадунашвили фæмард рынчындонмæ баласыны онг, æрмæст Давит Саралидзе та 2 декабры рынчындоны амард.
Тæрхондон Леван Дадунашвилийы барæй марындзинады зылынджыныл гнымадмæ ист Г.Б.йæн сæтрхон кодта 10 аз æмæ 6 мæйæ ахст, æрмæст уæззау уавæрты æнахъом Давит Саралидзейы барæй марындзинады архайды зылынмæ лæвæрд Г.ДЖ.-йæн та 9 аз æмæ 9 мæйæ ахст.