Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаджы æвдисæныл уæлæндæвды аххосагæй ахст Мераб Морчадзейæн стæрхон кодтой ахстæй æфхæрд

Тбилисы, Хоравайы  уынгыл   æрцæугæ марындзинады  хъуыддаджы  æвдисæныл уæлæндæвды  аххосагæй  ахст  Мераб Морчадзейæн,  развæлгъау  æфхæрды  хуызæй  стæрхон кодтой   ахст.

Тæрхонгæнæг   Гиорги Кератишвили  сразы ис прокуратурæйы  куырдиатимæ  ахсты  стæрхон кæныны  тыххæй.  Адвокат  йæ дæлæфджидæн  цъындыйы  бафидын  домтта.

Морчадзейæн аххосаг знон бавдыстæуыд  тугтæрхоны   барады кодексы  372-аг статийæ.

Афтæма, Хоравайы  марындзинады хъуыддагыл,    прокуратурæйы раздæры  кусæгы  Мирза Субелианийы, тугтæрхоны  барады кодексы  376-æм статийæ,  фыдракæнды басусæг кæныны аххосагæй  знон æрцахстой.

Иуæй-и мард æнахъомы Давит Саралидзейы фыд, Заза Саралидзе, Мирза Субелианийы азымджын кæны фыдгæнджыты  сæрыл дзурыны.

Хоравайы  уынгыл дыууæ æнахъомы  фыццаг декабры  фæцæф кодтой.  Леван Дадунашвили  фæмард рынчындонмæ баласыны онг, æрмæст Давит Саралидзе та 2 декабры  рынчындоны  амард.

Тæрхондон  Леван Дадунашвилийы  барæй марындзинады  зылынджыныл гнымадмæ ист  Г.Б.йæн сæтрхон  кодта 10 аз æмæ 6 мæйæ  ахст, æрмæст уæззау уавæрты  æнахъом Давит Саралидзейы  барæй  марындзинады архайды  зылынмæ лæвæрд  Г.ДЖ.-йæн та  9 аз æмæ  9 мæйæ ахст.