«Хохы трассæты агентады» информацийæ, зымæджы курорттыл срæвдз кодтой ног инфраструктурæ
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады «Хæххон трассæты агентад» (MTA) 2022-2023 азы зымæджы къахдзоныгъон сезонмæ визитортæн ног инфраструктурæ срæвдз кæндзæн.
Инфолрмаци публикаци кæны «Хæххон трассæты агентад» (MTA).
«2023 азы курорт Бакуриан у Дунейы чемпионаты фысым уæгъдибар стилæй бырыны къахдзоныгътæй æмæ сноубордæй. 2023 азы онг та бæстæмæ ис хæсист, сыххæст кæна ставддæр инфраструктурон проекттæ. Дидвели æмæ Митарбийы ареалы цыбырдæр æмгъуыдтæм сырæзт доны дыууæ резервуар (цад) æмтгæйон гуырахстæй 307 000 м3, кæцы æнæмæнгхъæугæ у аразгæйæ миткалæн системæйæ æххæстаргъджын куыстæн. Дидвели, Кохта-Митарбийы ареалы та, активонæй цæуы 29 км-он аразгæ миткалæн системæйы монтаж. Проекты фæлгæтты арызт уыд 6 ног трассæ. Афтæма ног туристон къахдзоныгъон фæндæгтæ. Æлхæд у спец-техникæ. 2023 азы дунейы чемпионаты фæлгæтты ацæудзæн 30 ерыс авд хуызы. Банысанкæнинаг у уый дæр, æмæ сæххæст проекттæ баззайдзысты курортмæ æмæ дæсгай азы дæргъы лæггад кæндзысты Бакурианы визиторты райрæзгæ нымæцæн, кæцы ахъаззаг уыдзæн курорты популяризацийæн æхсæнадæмон масштабæй.
Курорт Гудаурийы визитортыл 2022-2023 сазоныл амбæлдзæн афтæдæр ног инфраструктурæ. Дыууæ ног санитарон æлхынцъ, афтæма дыууæ ног операторон бæстыхай. Годердзийыл фæцис ног операторон бæстыхайы æмæ кассæйы арæзтад, кæцы 2022-2023 азы сезонмæ æххæстаргъджынæй кусдзæн. Цыппардæр курортыл ( Гудаури, бакураини, Годердзи, Местиа) спец-техникæйæн ауагъдтой ремонтон куыстытæ. Сервис фæхуыздæры нысанæн, курорты персонал: рæтæн фæндæгты машинист оператортæ, электриктæ, кассиртæ, ирвæзынгæнджытæ, квалификаци сбæрзонддæры къурсытæ ацыдысты. Сванеты Хацъвалы хохыл цæуы ног къахдзоныгъон трассæты проектировкæ æмæ Мулахи-Тетнулдийы иугæнæг рæтæн фæндаджы иртасæн æмæ проектон куыстытæ», – дзырдæуы экономик æмæ æнæфæцудгæ райрæзты мининстрады «Хохы трассæты агентады» информацийы.