Европаг медиайы минæвæрттæ  Гуырдзыстоны туристон продуктты, зымæджы курортты æм культурæйы фæдыл  статитæ æрцæттæ кæндзысты
Европаг медиайы минæвæрттæ Гуырдзыстоны туристон продуктты, зымæджы курортты æм культурæйы фæдыл статитæ æрцæттæ кæндзысты

Гуырдзыстоны туризмы националон администраци популярон æхсæнадæмон рауагъдадты  «Le Figaro» «The Telegraph» «GQ» «Die Presse», «Snow», «Backcountry Magazine», «Downdays»  минæвæрттæн фысым кæны.  Фæнысангонды фæдыл информаци  публикаци кæны Туризмы националон администраци.

Афтæма сæ  хъусинагæй,  пресстуры фæлгæтты, Гуырдзыстонмæ Францæй, Стыр Британийæ æмæ Австрийæ  фæуазæг сты  акæнæг журналисттæ.

Туризмы националон администрацийы  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  медиайы  минæвæрттæ федтой Тбилис, Кутаис, Прометейы лæгæт æмæ Местиа.  Журналисттæ   Местиайы  фрир-райды  дунейон тур срухс кодтой.

«Гуырдзыстоны фыццаг хатт дæн, дисы æфтыд дæн  ацы æрдзæй. Адæм  тынг  хæлар  сты,  диссаджы  гъæды  мит ис, цырдзмæлæг рæтæн фæндаг,  Сванеты  диссаджы фæлтæрддзинад райстон. Цæттæ кæнын  стати, кæцыйы   сæргонд уыдзæн  «æнцон  уац», уымæн æмæ  ам алцыпæтт   у рæувадат.  Чысыл дуканитæ дæр, исты дæ  куы бахъæуы алчи цæттæ у баххуыс дын кæны.  Гуырдзыстон у  фидæн», – хуъсын кæны  Le Figaro-ы  журналист Метью Росс.

Уыимæ, Die Presse-ы  минæвар Джозеф  Ибнери  куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстон с  диссаджы  къахдзоныгъон уавæртæ.

«Уыдис нын фадат   фри-райдерты къордимæ ацыдиаккам  æмæ  фидар тылмæн ныл скодта уыцы балц.   Сванеты  тынг хæар адæм сты,  хæххон  курорт рæзы, æцæгдæр  диссаджы къахдзоныгъон  уавæртæ ис æмæ хъуыды кæнын, уый у  туристон æрдæмад,  кæцы тынг популярон уыдзæн» –  банысан кодта Джозеф  Ибнери.

Туры хайадисæг  фотографы Дом Дахерийы  фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдыстонмæ балцы рæстæджы уый  экстремалон   ерыс æмæ  хæхтæ айста.

«Гуырдзыстоны дæн дыккаг  хатт. Иу æрдгæй  экстремалон  ерыс æмæ хæхтæ айстон,  цæй  тыххæй дæр балц кæнын  æппæт  дунейы æмæ   исын къамттæ, иннæ рдгæй та, тынг цымидисон  уыд культурон  хай.   Кусын Швейцарийаг  компанийы  «FWT – Freeride World Tour», кæцы  организаци кæны   дунейы  туртæ.  Иуæй-иу этап  рæстдæр Сванеты ацыд, фри-райды  радон  этаптæ  ацæудзысты Австрийы æмæ  Швейцарийы», – райхъусын кодта туры хайадисæг фотограф  Дом Дахери.