Хицауады ног структурæйы презентацийы Мамука Бахтадзе сом ауадздзæн
Хицауады æрмæст 11 министрад баззайдзæн æмæ ацы нымæц у эффектджын куыстæн æххæстæй оптималон – уый фæдыл премьер-министр Мамука Бахтадзе журналисттæн фехъусын кодта.
«Мах сом ауадздзыстæм хицауады рабадт, кæцыйыл деталонæй æрныхас кæндзыстæм, цахæм ног структурæйæ рацæудзыстæм парламенты раз. Мæ бон у сбæлвырд кæнын, цæмæй министрадты нымæц 11-æй фылдæр нæ уыдзæн. Раздæр куыд загътон афтæмæй, ай у оптималон нымц уый тыххæй, цæмæй эффектджынæй бахъом уæн сидтытæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер нал сконкрет кодта, чи баззайдзæн хицауады ног сконды æмæ баззайдзæн æви нæ юстицийы министры бынатыл Тея Цъулукиани.
Хицауады структурон ивды фæдыл, премьер-министр парламентон фылдæрты минæвæрттимæ цалдæр консультаци ауагъдта.