Хицауады æмæ оппозицийы минæвæрттæ фæсарæйнаг дипломаттимæ абон радон фембæлд сараздзысты
Абон фысымуат «Шератоны» фæсарæйнаг дипломаттимæ иумæ, хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты æхсæн дыккаг фембæлд сырæздзæн.
Фыццаг фембæлд 30 ноябры ацыд. Хицауады минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй дипломативон корпусы цытæн сразы сты се нхъарæнимæ æмæ фембæлдимæ.
Радон фембæлдыл касты сæйраг темæ æвзарæнон системæ уыдзæн. Оппозици а.х. немыцаг моделмæ гæсгæ бакуыст æвзарæнон системæйы æрбайсын домы. Хицауады та хъусын кæнынц цæмæй фæнысангонд модел Гуырдзыстоны конституцимæ æнæмбæлон у.
«Æнæфæцудгæйæ баззадис нæ позици, цæмæй «немыцаг модел» антиконституцион у æмæ уый фæдыл дебаттæ нал ацæудзæн» – райхъусын кодта вице-премьер, юстицийы министр Тея Цъулукиани фыццаг фембæлды фæуды фæстæ.
Æнæкæсгæ уымæ куыд хицауады афтæ оппозицийы минæвæрттæ радон фембæлдмæ цæттæдзинад равдыстой. Диалогы адарддæр кæныны инцииатор у дипломативон корпус.
Ацы этапыл бæрæг нæу, конкретонæй чи уыдзæн абоны фембæлдыл, кæцы 18:00 сахатмæ у плангонд.