Хицауады æмæ Националон банкъы куысты фæстиуæгæн, банкъон системæйы ссæрибар ис 700 милуан валютон ресурс, кæцы æнæмæнгæй лæвæрд хъуамæ æрцæуа нæ экономикæмæ
-уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадты размæ райхъусын кодта.
«Координиргонд куысты стæй дæр хъуамæ дарддæр кæнæм, уымæн æмæ экономикæйы быцæусидтытæ нын бирæ ис, дæнцæн, ларийы къурс, кæцы, алчи хорз æмбарæм, цæмæй социалон контексты комкоммæ æндавы не мбæстæгты æрвылбойнон цардмæ. Фæлæ мæ фæнды банысан кæнон, цæмæй координиргонд куыст хицауад æмæ Националон банкъы æхæн, сæ мандаттæм æмбæлæгæйæ адарддæр уыдзæн æмæ æрвылбойнонæй уыдзæн ноджы фылдæр эффектджын», – банысан кодта Гиорги Гахариа.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, националон банкъы æрдгæй фæстаг периоды рахæсгæ уынаффæтимæн, куыд мыздлæвæрды рæзты, афтæ интервенциты æмæ фæсарæйнаг валютæйы резервон æркуырдты фæкаддæр кæныны фæдыл, æххæстæй разы у Гуырдзыстоны хицауад.