Хицауадмæ иухаттон æххуысы куырдиатæй кæцы амалиуæггæнджытæ бавдыстой, уыдонмæ лæвæрд æрцæудзæн иухаттон æххуыс 300 ларийы бæрцæй
Алы хисæрмагондæй амалиуæггæнджытæ, кæцытæ куырдиат бавдыстой хицауадмæ, иухаттон æххуысы хуызæй райсдзысты 300 лари, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афæтма йæ ныхæстæм гæсгæ, хисæрмагондæй амалиуæггæнджытæн æхххуысы программæ фæцис æмæ уыцы баззайæг 80 мин æмбæстагæн, кæцытæ æххæстæй документаци бавдисын нæ бахъом сты, сæ куырдиат сын сæххæст кæндзыстæм.
Премьеры æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, фæнысангонд æмбæстæгтæн æххуысы программæйы фæлгæтты, хицауадмæ басидтысты 250 мин адæймаг 300 ларийы бæрц иухаттон æххуыс райсынмæ. Æххуыс райстой 170 æмбæстаг, кæцытæ хицауады æркуырдмæ æмбæлгæ документацы æххæстæй бавдисын не сфæрæзтой.
Гиорги Гахариайы дзырдæй, хицауад аскуыддзаг кодта, алы ахæм æмбæстагæн, документты бамбырд кæныны цæстæнгасæй домæнтæ, сыххæст кæндзæн сæ куырдиат æмæ сын байуардзæн 300 ларийы иухаттонæй. Уымæй хисæрмагондæй амалиуæггæнджытæн æххуысы программæ фæуыдзæн.
«Алы æндæр программæтæ, кæцытæн сæ нысан уыд нæ æмбæстæгтæн социалон æххуыс раттын, уыдзæн уый куыстбынаты фесафынæн амалхъомдзинад цух уæнгтæн, бирæзæнæгджын бинонтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, адарддæр уыдзæн æмæ дарддæр кæны æмбæлгæ æмгъуыдтæм гæсгæйæ. Фæстиуæгæн, дыккаг этап сыххæст кæндзыстæм афтæмæй, æмæ хисæрмагондæй амалиуæггæнджытæ, кæцытæ куырдиат бавдыстой хицауадмæ, 250 000 адæймаг, æнæкуылымпыйæ сентябры онг райсдзысты ацы суммæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.