Хицауад райдыдта ног программæ æххæст кæнын, кæцы 15000-ы онг ног кусæнуаты сæвзæрын кæнын дары йæ хъуыдыйы
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ хицауад райдайы масштабон ранæуæгы программæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары 63 муниципалитеты урбанон ранæуæг, нысаниуæгджын культурон-историон бындары объектты, муниципалитетты администрацион центрты реабилитаци æмæ рекреацион тыгъдадтæ аразын.
«Зондзыстут æй, Гуырдзыстоны бирæ бынат ис ахæм кæцыты ноджы хуыздæр хъуамæ скæнæм, фыццаджы дæр нæ æмбæстæгтæн, иурæстæгонæй нæ бæстæйы уазджытæн, туристтæн. Бæстæйы регионты æмхуызон рæзынад, иттæг нысаниуæгджын у. Нæ æмбæстæгтæн бынатыл цæрыны, фæллой кæнын æмæ æмтгæй зæгъгæйæ рæзынады уавæртæ алкуыран æмхуызонæй фæхуыздæр кæнын хъуамæ суа паддзахады сæйраг нысан», – райхъусын кодта Гъарибашвили.
Премьеры дзырдæй, зæгъгæ программæйы сыххæсты фæстиуæгæн, 15 000-ы онг ног кусæнуат сæвзæрдзæнисю Программæйы аргъ у 500 милуан лари.