Хицауад арæзтадон амнистийы проектыл куыстмæ рывнæлдта, кæцы физикъон уæнгты сæрмæулкъы уæвæг зæххы фадгуытыл æнæдокументацйæ арызт цæрæн хæдзæрттæм баххæсдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй ацыд хицауады рабадт.
Министрты кабинеты уæнгтæ боны фæткæй бæрæг фараст фарста æркастысты.
Хицауады пресс-куысты информацийæ, рабадтыл хицауады сæрдар юстицийы министрæн арæзтадон амнистийы проектыл кусын бахæс кодта, кæцы физикъон уæнгты сæрмæмулкъы уæвæг зæххы фадгуытыл арæзтадон документаци цухæй арызт инливидуалон цæрæн хæдзæрттæм баххæссдзæн.
«Ивддзинады уынаффæйы рæстæджы бахахх ис, цæмæй ацы уынаффæйæ иу æрдгæй, фидæнмæ нал уыдзæн æнæзакъонон хæдзæртты арæзтады практикæ, иннæ рдгæй та æмбæстæгтæ кæмæ дæр ис индивидуалон хæдзæрттæ хъæуты кæнæ горæты, кæцытыл нæ уыд лæвæрд арзæтадон документаци, нал уыдзысты хæсджын,легализацийы вазыгджын æмæ зынаргъ процедурæ æххæстæй рацæуын. Амнисти милуаны онг æмбæстагмæ баххæссдзæн. Проекты Рати Брегадзе цыбырдæр æмгъуыдтæм бавдисдзæн хицауады рабадтмæ», – дзырдæуы Гуырдзыстоны хицауады информацийы.