Херсоны зылды администрацийы къуыхдариуæггæнæджы хъусинагæй, ивгъуыд  æхсæв-боны дæргъы, Уæрæсейы  бырсты фæстиуæгæн зылды  авд адæймаг  фæцæф ис
Херсоны зылды администрацийы къуыхдариуæггæнæджы хъусинагæй, ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн зылды авд адæймаг фæцæф ис

Украинæйы Херсоны зылды   ивгъуыд æхсæв-боны мидæг   Уæрæсейы  бырстыты  фæстиуæгæн авд адæймаг фæцæф ис.

Уый фæдыл  информацийы  Херсоны зылды администрацийы  къухдариуæггæнæг  Александр  Прокудин   хъусын кæны.

Йæ хъусинагæй, Уæрæсейы  бырстыты  нысан уыд 15-ы онг   цæрæн пункты, сæ ныæмцы горæт Херсон. Базиан сты æмбæстагон  объекттæ, сæ нымæцы  30  хицæн  хæдзар,  автомобилтæ æмæ газдадзæн.

Уыимæ  Украинайы  уæлдæфон   тыхты информацийæ, ивгъуыд   æхсæвы  Уæрæсе  Украинæйы   сæрмгаондæй  та Сумыйы зылды   æрдæм  «Шахеды»  типы   аст дроны  ауагъдта,  афтæма  авиацион ракета Х-69. Украинæйаг   фарсы хъусинагæй,    æрыппæрстой  авд æнæпилот тæхæг аппараты, ракетæ та нысаныл нæ сымбæлд.