Хельсинкийы Комисси – фæсарæйнаг бæстæйы агентты фæдыл закъон у бырст бæстæйы фæлæмæгъгонд демократимæ, хивæнд лæвар Уæрæсейæн
Фæсарæйнаг бæстæй агентты фæдыл закъон у бырст бæстæйы фæлæмæгъгонд демократимæ, хивæнд лæвар Уæрæсейæн æмæ комкоммæ быцæусидт Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдфæдон евро-атлантикон æвззæрстæн, уый иунæг аспектты дæр нæу fara-ы æнгæс, – уый фæдыл Хельсинкийы комисси «Твиттеры» фыссы. Комиссийы публикацигонд фидиуæны автортæ сты Хельсинкийы Комиссийы сæрдар Джо Вилсон, æмсæрдар Бен Кардин æмæ акæнæг закъондæтджытæ, конгрессмен Стив Коэн æмæ сенатор Роджер Уикер.
«Хæдбарад ногæй рацаразыны фæстæ гуырдзиаг адæм тынг æргомæй æмæ фæдфæдонæй æвзæрстой уый, цæмæй уыдаит демократон, евро-атлантикон æхсæнады уæнг. Фæлæ анти-демократон, уырыссаг стилы закъон фæсарæйнаг бæстæйы агентты фæдыл, куы скуса, уыдзæн гуырдзиаг адæмæн нæзагъд Евроцæдис æмæ НАТО-йы уæнгтæм тырнынадыл æмæ бахахх кæндзæн гуырдзиаг демократийы цырд регресс. Уый ма афтæдæр æвдисы нырыккон хицауады рæзгæ хæстæгдзинад Уæрæсеимæ – уыцы бæстæимæ, кæцы оккупаци скодта Гуырдзыстоны 20%, скъæфы йæ æмбæстæгты, ницæмæ дары йæ суверенитет æмæ геноцидон хæст уадзы Украинайы ныхмæ.
Ацы закъон, афтæ куыд цæугæ демократон регресс, уый нымæцы политикон оппонентты æрцахстытæ, у бырст нæ стратегион партнерадмæ æмæ гуырдзиаг адæмы ныгуылæйнаг æвзæрстмæ. 1991 азæй Америкæ гуырдзиаг адæмы хъæддых æмæ æнæцудгæ хæлар у æмæ уый хицауады позицимæ нæкæсгæ, ивд нæ уыдзæн. Нæ хæлардзинадмæ гæсгæйæ, сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, нæзагъд ракæна иницииргонд закъонопроектыл æмæ сног кæна йæ иузæрдыгдзинад демократимæ», – банысангонд у иумæйаг фидиуæны.
The proposed foreign agent law in #Georgia is an assault on the country’s weakening democracy, a deliberate gift to #Russia, and a direct challenge to the Georgian people’s consistent Euro-Atlantic choice. It does not resemble #FARA in any way. pic.twitter.com/6NUPBdDiZg
— Helsinki Commission (@HelsinkiComm) March 6, 2023