Хъазахстаны парламент Астанайыл «Нурсултан» сæвæрынæн рахæцыд йæ фарс
Хъазахстаны парламент дыууæ байхъуыстæй сæйраг сахар Астанайæн йæ ном «Нурсултанæй» раивынæн рахæцыд йæ фарс.
Æмбæлон уынаффæ парламент рахаста дыууæдæр палатæйы иугонд рабадтыл.
Сæйраг сахарæн раздæры президенты Нурсултан Назарбаевы ном раттныы инициативæйæ рацыд, Хъазахстаны президенты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Касим-Жомарт Токаев. Ныр Токаев парламенты сбæлвырдгонд документыл йæ къух хъуамæ бафысса.
Уыйимæ иумæ, Токаев хъæугæйыл нымайы, цæмæй Нурсултан Назарбаевы ном æвæрд æрцæуа Хъазахстаны регионон центрты алы сæйраг уынгыл. Хъазахстаны президенты хæстæ æххæстгæнæг хъусын кæны, цæмæй Назарбаев баззайдзæн бæстæйы иунæг иудадзыгкъухдариуæггæнæгæй, æмæ йæ хъуыдыйæн та уыдзæн приоритетон нысаниуæг стратегион уынаффæтæ райсты рæстæджы.
Токаев афтæдæр рацыд Нурсултан Назарбаевы цырт сæвæрыны инициативæйæ.
Касим-Жомарт Токаев Хъазахстаны президенты хæстæ, æвзæрстыты онг, кæнæ та 2020 азы апрелы онг æххæст кæндзæн.