Хатуна Самнидзе - Украинайæн фарсхæцæн резолюцийы принципон фарстæтыл нырид æрныхас кодтам
Украинайæн фарсхæцæн иуæймаг резолюцийыл фылдæртæ æмæ оппозицийы уæнгты æхсæн паралменты консультацитæ ацыд. Консультациты фæстæ оппозиционер депутат Хатуна Самнидзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, принципон фарстæтыл æрныхас кодтой.
Хатуна Самнидзе ныфс дары, цæмæй æввахс сахатты, сын уыдзæн фадат, къух бафыссын резолюцийы тексты кæронбæттæн версийыл.
«Гуырдзиаг Бæллицц» бавдыста сæрмагонд верси, фæлæ нын цалдæр фиппаинаг уыд æмæ уый фæдыл уæдмæ дæр зыдтой æмæ сæ сæ зæрдыл бадарттой. Принципон фарстæтыл разы стæм æмæ æнхъæлмæ кæсæм тексты æппынфæстаг версимæ. Бынатыл æрцыд зæгъæн ис алы фиппаинæгты хайы зæрдылбадард, иннæ хайы та банысан кæнын. Принципон фарста у, цæмæй резолюцийы æвдыст уыдаит Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны фарста, цæмæй сæ фарс хæцæм нæ партнертæн. Нæ зæрдыл дарæмæ æм æнцой кæнæм резолюцитыл, кæцытæ ныры онг парламенты уыд ист. Ис дзы æндæр типы фиппаинæгтæ, кæцы æххæссынц конкретон ныхæстæм æмæ хъуыдыæдтæм. Ныфс мæ ис, æввахс сахатты ацы бадзырд дæр фæуыдзæн ææ нын уыдзæн фадат, текстыл къухбафыссын, кæцы регистрацийы хъуамæ ауадзой абон, кæд нæ фæнды, цæмæй йæ фыццаг сессиыйыл рахæссæм хъæлæскæнынмæ» – райхъусын кодта Хатуна Самнидзе.