Хатуна Самнидзе – план кæнын схъæлæс кæнын Саакашвилийы хъуыддагыл  фæдагурæг  комисси саразынæн, фæлæ иттæг нысаниуæгджын у, «Националон Змæлды»  æрдгæй оппозицион  партитимæ æмгуыстад  фенæм
Хатуна Самнидзе – план кæнын схъæлæс кæнын Саакашвилийы хъуыддагыл фæдагурæг комисси саразынæн, фæлæ иттæг нысаниуæгджын у, «Националон Змæлды» æрдгæй оппозицион партитимæ æмгуыстад фенæм

«Республикаг Партийы»  уæнг Хатуна Самнидзе  хъусын кæны, цæмæй  хъавы   Саакашвилийы хъуыддагыл  фæдагурæг  комиссийы   саразынимæ сразы уа.  Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæйÆ,   зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын  у  цæмæй йæхи æрдгæй  «Националон Змæлд»  сразы уа уыцы фæдагурæг  комисситæн, кæцытæ нырид регистрацигонд сты  Парламенты.

«Æз куыд «Республикаг Партийы» минæвар,  цæстуарзон ахаст дарын  æмæ  хъавын, схъæлæс кæнон  ацы комиссийæн, фæлæ  ноджы иу хатт  хахх кæнын, иттæг нысаниуæгджын  у, фенæм  «Националон Змæлды» æрдгæй  æмгуыстад.  Уый бæрæг уыдзæн, сæ фарс куы рахæцдзæн,   уыцы фæдагурæг комисситæн, кæцытæ нырид регистрацигонд сты  парламенты æмæ кæцытыл хъæлæскæнынад нæ уыд.  Уæд «Националон Змæлд» парламенты нæ уыд.

Уый æххæссы  5-6  июлы фæзындты æмæ антикоррупцион  комиссимæ, кæцытæ  афтæдæр регистрацигонд сты. Дыууæдæр комиссийыл разыдзинад,   ныфсæвæрд ис «Националон Змæлдæй», цæмæй хаъвынц  оппозицион партитимæ  æкуыст кæнын. Уый тыххæй дæр оппозицион  партитæ йæ фарс рахæцдзысты,  комиссийы  саразынæн. Ахæм сты æмгуыстадæн хъæугæ домæнтæ,  бадзырд æмæ ацы бадзырды  проблемæ ныры онг никуы  уыдис», – райхъусын кодта Хатуна Самнидзе.