Харьковы æмдзæрæныл Уæрæсейы тыхты  ракетон хафты фæстиуæгæн, фæстаг  бæрæггæнæнтæй авд адæймаг амард
Харьковы æмдзæрæныл Уæрæсейы тыхты ракетон хафты фæстиуæгæн, фæстаг бæрæггæнæнтæй авд адæймаг амард

Уæрæсейы  тыхты  Харьковы æмдзæрæныл сæххæст ракетон   хафты  амæттаг, фæстаг  инфорамцийæ,   авд адæймаг  ссис,  цæф сты 17. Оккупанттæ  бырст   æхсæвы сыххæст кодтой   Салтовкæйы  районы.  Информацийы, Харьковы  мэр  Игор  Тереховыл  æнцойæ хуъсын кæны украинаг медиа.

Уымæй  уæлдай,  боныцъæхыщ  уырыссаг  æфсæддæттæ   бомбæтæ æхстой  Харьковы  ноджы  цалдæр сыхыл.  Слободайы районы   амард иу æмæ   фæцæф  18 адæймаг. Цæфты нымæцы   дыууæ  сывæллæттæ сты.  Харьковы  æфсæддон    зылды  администрацийы  къухдариуæггæнæг   Олег Синегубов  куыд   хъусын кæны  афтæмæй,     бомбæкалд  сыххæст   æмдзæрæныл.

Бынæттон  хицауады хъусинагæй, 18   августы  сæумæрайсомæй  уырыссаг оккупанттæ  Харьковы  фондз   ракетон  хафт  ракодтой.