«Омикрон» коронавирусы пандемийы ног фазæмæ бафтыдта æмæ Европæйы гæнæн ис, пандемийæн кæрон скæна, – уый фæдыл æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы Европæйы регионон бюройы къухдариуæггæнæг Ханс Клюге райхъусын кодта.
Клюггейы дзырдæй, сезонон фæкъаддæры, адæймæгты иммунитеты æмæ вакцинæты фæстæ, мæйты дæргъы сæвзæрдзæнис глобалон иммунитет.
«Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй уыдзæн сабыр период. «Ковид-19» афæдзы кæронмæ гæнæн ис æрыздæха, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй пандеми æрыздæхдзæни», – банысан кодта Ханс Клюгге.
«Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организациы» минæвары фидиуæнæй, низтæ эндемон сты, кæцыты динамикæйы прогноз саразын ис гæнæн.
«Ацы вирус нæ бирæ хатт дисы бафтыдта, уый тыххæй дæр тынг сæрхызт хъуамæ уæм», – загъта Клюгге.