Хъахъхъæнынады министрад æмбæстæгтæм æмæ политикон иугæндты уæнгтæм сиды, гарзджын тыхты æвзарæнон кампанимæ бафтауын ма бацархайой
Хъахъхъæнынады министрады æмæ паддзахадон интерестæн бынтон нæрайсгæ у, æфсæддон формæйæ политикон нысæнттæн спайда кæнын æмæ æфсады политизацийы архайд – уый фæдыл хъахъхъæнынады министрады фидиуæны у банысангонд, кæцыйæ хъахъхъæнынады уагдон, раздæры æфсæддон гæсты фидиуæнтæн дæтты дзуапп.
Хъахъхъæнынады министрады фидиуæнæй, æфсæддон формæйæ цæрджыты æрдæм ахæлиугонд политикон сидты нысан у, цæрджыты рæдыды бафтауын.
«Фæнды нæ дзуапп раттæм раздæры æфсæддон гæстæн, конкретонæй та, генерал Деви Чъанкотадзейы фидиуæнæн, кæцыйы Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрды территорийыл сарызта. Фыцаджы дæр нæ фæнды бамбарын кæнæм, цæмæй Деви Чъанкотадзе æмæ йемæ уæвæг уæнгтæ не сты архайæг æфсæддон гæстæ, æмæ азты дæргъы нал кусынц æсфæддон тыхты сконды.
Æфсæддон формæйæ цæрджыты æрдæм ахæлиугонд политикон сидтæн йæ нысан у дзыллæй рæдыды бафтауын. Хъахъхъæнынады министрадæн æмæ паддзахадон интерестæн бынтон нæрайсгæ у, æфсæддон формæйæ, политикон нысæнттæн спайда кæнын æмæ æфсады политизацийы архайд. Фæнысангонд архайд знаггадгæнæг у ахæм нысаниуæгджын институцийæн, цахæм дæр у Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ æмæ æфхæрæг у алкæцы æфсæддон гæсæн. Лæвæрд æмбарынгæнæны нысан у, дзыллæйæн фехъусын кæнын раст информаци, цæмæй ма сырæза мæнг тæлмæн, цæвиттон гарзджын тыхтæ политиконæй субъективон сты» – банысангонд у фидиуæны.
ХЪахъхъæнынады министрад хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ сты политиконæй нейтралон паддзахадон институт , æмæ нæ исы хайад политикон процессты.
Уымæ æмбæлгæйæ дæр, уагдон хъусын кæны æмбæстæгтæн æмæ политикон иугæндты уæнгтæн, политикон кæнæ æвзарæнон кампанийы, гарзджын тыхты формæйæ кондæй хайад райсын ма бахъавой.