Хакертæ «Фейсбукы» 533 милуанæй фылдæр фæлхасгæнæджы сæрмагонд бæрæггæнæнтæ адавдтой æмæ сæ интернеты ахæлиу кодтой – уый ынмæцы Гуырдзыстонæй фæлхасгæнджыты бæрæггæнæнтæ дæр
Хакертæ «Фейсбукы» 533 милуанæй фылдæр фæлхасгæнæджы сæрмагонд бæрæггæнæнтæ адавдтой æмæ сæ интернеты ахæлиу кодтой. Рауагъдад therecord—ы информацийæ, хъуыддаг æххæсс 106 бæстæйы æмбæстæгтæм. Сæ нымæцы сты АИШ-ы 32 милуан æмбæстагы, афтæдæр 11 милуан бритайнаг фæлхасгæнæджы æмæ Индийы æхсæз милуан æмбæстагы сæрмагонд бæрæггæнæнтæ.
Банысан кæнын хъæуы, цæмæй ацы номхыгъды сты Гуырдзыстонæй 95 193-йæ фылдæр фæлхасгæнæджы бæрæгæнæнæнтæ дæр.
Куыд хъусын кæнынц афтæмæй, интернеты рæувадат у «Фейсбукы» фæлхасгæнджыты биографи, райгуырды датæ, мобилон телефоны номыр æмæ а.д.
«Фейсбукы» дзурынц, цæмæй хакертæ ацы информаци æнхъæлцау адавдтой дыууæ азы размæ, социалон хызагы æдасдзинады системæйы аиппытæ куы ссардтой уæд.