Хæсты райдайæнæй дыууæ азы фæстæ, Украинайы фарсылхæцынæн Киевмæ ныццыдысты Канада, Итали æмæ Бельгийы премьер-министртæ
Хæсты райдайæнæй дыууæ азы фæстæ, Украинайы фарсылхæцынæн Киевмæ ныццыдысты Канада, Итали æмæ Бельгийы премьер-министртæ.
Медийы фыссынц, цæмæй Джастин Трюдо, Александре дэ Кро æмæ Джорджиа Мелон, ныгуылæн арæнæй хæдтулгæйыл ныццыдысты.
«Украинамæ, Уæрæсейы бабырстæй дыууæ азы фæстæ, Канадайы фарсылхæцындзинад украинаг адæмы, æнæивгæ у. Растдæр уыцы фарсылхæцындзинады сбæлвырдæн, æз дæн Киевы», – фыссы Трюдо.
Италийы хицауады пресс-центры информацимæ гæсгæ, Италийы премьер-министр план кæны «стыр авды» лидерты видео-конференци, кæцыйы сæрдар бæстæ, ротацийы принципæй Итали у. Снысангонд видео-фембалды хайад райсдзæн Украинайы президент, Володимир Зеленски дæр.
Цалдæр сахатæй раздæр Украинамæ ныццыд Еврокомисы президент дæр.