Хадайы комы лæгмарды аххосджынæн ахст снысан ис

 

Хадайы комы лæгмарды аххосджынæн ахст снысан ис

Мцхетайы районон тæрхондон Хадайы комы лæгмарды аххосджынæн æфхæрды хуызæй ахст снысан кодтой.

Малхаз Къобаурийы ахст аххосгæнæг фарс куырдта.

Прокуратурайы информацимæ гæсгæ, тугрæстдзинады хъуыдтагыл фæдагуырд даргъ кæны. Малхаз Къобаурийæн сбæлвырдгонд аххосаг дары йæ зæрдыл 16-20 азы онг кæнæ та æнææмгъуыдон ахст.

Хадайы комы Смитты бинонты лæгмарды аххосагы фæдыло Малхаз Къобаури æрцахстой. Ныхас цæуы АИШ æмæ Гуырдзыстоны дывæр æмбæстæгтыл, Райан æмæ Лора Сммит æмæ сæ цыппараздзыд сыввæллоныл.