Кетеван Цихелашвили - Абхазæгтимæ æмæ Ирæттимæ диалог æнæмæнгхъæугæ у
Диалог Абхазæгтимæ æмæ ирæттимæ æнæмæнгхъæугæ у. Уый фæдыл цæттæдзинад æнæ иу хатт загътам æмæ бæрæг у, æргом кæй стæм уый, – ахæм дзуапп дæтты фарстæн фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили, оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр Сергей Шамбайы интервьюйы фæдыл, кæцыйы мидæг Шамба дзуры, цæмæй зæгъгæ афон у гуырдзиаг фарсимæ диалог райдаын.
«Ахæм диалог нæ сабырадон политикæйы иуæй-иу сæйраг ардæмадæй у банысангонд. Æмбæлон формæйы сбæлвырд кæнын та, æндæр æмæ æндæр æмвæзадыл, абсолютонæй ис гæнæн, алыхуызæн политизацийæ цухæй, цæй фæлтæрд дæр нæм ис, кæд æмæ искæй дæнц нæ исдзыстæм уæд», – банысан кодта Кетеван Цихелашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ног фадæттæ æвзæрын кæны сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» дæр, кæцы цъус рæстæджы размæ æрцыд бавдыст æмæ кæцы ориаентиргонд у, конфликтæй дæрдды лæууæг дзыллæты æхсæн контактты баахъаз кæныны, ахастыты фæарфдæр кæныны, иумæйаг интересты алыварс æмгуыстады æмæ диалогы райтынг кæныны æрдæм.
«Ныры онг дæр бирæ хæтты дзырдтон, цæмй ай у иунæг, альтернативæ цæмæн нæй ахæм фæндаг сабырады æмæ хуыздæр фидæны тыххæй, кæцы у нæ иумæйаг тырнынад. Ацы фæндаг æнæмæнгæй йæ хъуыдыйы дары быцæудзинæдтæ кæрон скæнын диалогы фæндагæй, кæцы йæхи æрдгæй, конфликты сабырадонæй аскуыддзагы бындур у», – дзуры Кетеван Цихелашвили.
Кетеван Цихелашвилийы фидиуæн ахæлиу кодта фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппарат.
Оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба та, рауагъдад «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы райхъусын кодта, цæмæй гуырдзиæгты знæгтыл нæ нымайы æмæ Гуырдзыстоны йын зæгъгæ хæлæрттæ дæр ис. «Гуырдзыстоны ныхмæ тохы, зæгъæн ис, лидер мæхæдæг уыдтæн. Фæлæ афтæдæр фыццагæй райдыдтон ныхас уый фæдыл, цæмæй афон у, исты амæлттæй диалог райдайын», – райхъусын кодта Шамба.