Келли Дегнан – Вакцинаци у сеппæтæй хуыздæр фæндаг пандемийæ уæхи æмæ уæ уарзон адæймæгты æмæ экономикæ баиргъæвынæн
Райгонд стæм куы уынæм, ай бæрц гуырдзиаг кæй рацæуы вакцинацимæ, уый у иттæг нысаниуæгджын, сæрмагондæй та ныр, Гуырдзыстоны куы рабæрæг ис дельта вариант æмæ инфицирады бæрæггæнæн куы рæзы, – райхъусын кодта Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, кæцы æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзеимæ иумæ Тбилисы республикон рынчындоны вакцинацийы процессимæ базонгæ ис.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ райгонд у, цæмæй Гуырдзыстонæн коронавирусы ныхмæ «Pfizer»-ы 500 мин дозæ вакцинæ радæттын куы бафæрæзта, уымæй.
Минæвар æмбæстæгтæм афтæдæр æрсидтис, цæмæй æнæмæнгæй сæхицæн низы ныхмæ вакцинæ бафтауой æмæ банысан кодта, ома растдæр зæгъгæ вакцинаци у фæндаг пандемийы басæттынмæ.
«Ноджы иу хатт сидын адæммæ, курæг уæ дæн, уæхицæн низы ныхмæ вакцинæ бафтаут, иттæг нысаниуæгджын у, вакцинæ саразын. АИШ æххуыс кæны Гуырдзыстонæн пандемийы райдайæнæй æмæ нæ фæнды ацы фазæйы дæр уын баххуыс уæм. Ай у æцæгдæр иунæг амал, кæцы баххуыс уыдзæн пандеми кæрон скæнынæн. æдас æмæ эффективон вакцинæ у. Уæхи нихы ныхмæ бафтаут!» – райхъусын кодта Келли Дегнан.