Келли Дегнан - уыдоны кæйдæриддæр фæнды ацы сабыр цыды тыхми æмæ фыдзæрдæдзинадæй бахъыгдарын, раст уыдон халынц Гуырдзыстоны конституци
Уыдоны кæцыты фæнды бахъыг дарын сабырадон цыд тыхмидзинад æмæ фыдзæрдæдзинадæй, раст уыдон халынц Гуырдзыстоны конституци – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, «Тбилиси Прайды» тыххæй райхъусын кодта.
Минæвары дзырдæй зæгъгæ Гуырдзыстоны конституци ифтонг кæны сæрмагонд æмбæстæгты барты хъахъхъæды æмæ сæ нымæцы сты сæрибар, сабыр æмбырды æмæ хъуыды разагъды бар.
«Уымæ нæкæсгæ æмæ ис гæнæн хъуыды уа ныхмæ кæнæ æнæпопулярон, мах тынг бæрзонд аргъ кæнæм МХМ-ы тыхархайд ацы барты хъахъхъæды цæстæнгасæй. Уый тынг ваззыгджын хъуыддаг у пъæлицæйæгтæн, фæлæ нæ уырны цæмæй Гуырдзыстоны пъæлицæйæгтæн ис æгъгъæд фæлтæрдтæ, цæмæй фадат раттæт акцийы сабыр хайадисджытæн, равдисой сæ бар. Уыдоны кæйдæриддæр фæнды ацы сабыр цыды тыхми æмæ фыдзæрдæдзинадæй бахъыгдарын, раст уыдон халынц Гуырдзыстоны конституци» – райхъусын кодта Дегнан.