Келли Дегнан - нысаниуæгджын у æцæгдæр хæдбар расттæрхон æмæ парламент, цы ран бавдыст уыдзæн хъæлæсты æмæ интересты алыхуызонад
Нысаниуæгджын у æцæгдæр хæдбар расттæрхон æмæ парламент кæцыйы уыдзæн хъæлæсты æмæ интересты алыхуызонад, мæнмæ гæсгæ, фæстаг мæйты Гуырдзыстоны ацы æрдæм аразы къахдзæфтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан ныхас кодта, æрвылазон конференцийыл номхуындæй «Гуырдзыстон æмæ йæ сых».
Минæвар конференцийы раныхасгæнджыты хъуыдытæн ратта дзуапп æмæ Гуырдзыстоны закъоны сæйрагдзинады æмæ демокративон институтты нысаниуæгыл фæныхас кодта.
«Джим О’Брайен ракой кой кодта закъоны сæйрагдзинады хæсисты нысаниуæг, закъоны сæйрагдзинады æххæсткæнын. Афтæдæр ахсджиаг у коррупцийы ныхмæ тох æмæ уыцы æнтыстытæн аккаг аргъ скæнын, кæцы ис Гуырдзыстонæн, афтæма – бирæ хъомысджындæр æхсæнады æмæ цензурæйæ сæйриабр медиа-фæрæзты уæвын, кæцы баххуыс уыдзæн демокративон институттæн, цæмæй уыдон бауйо хъæддых æмæ тыхджындæр, кæцыфæнды тыхджын демократи куыд у – афтæ.Ноджы ма нысаниуæгджын у æцæгдæр хæдбар расттæрхон æмæ парламент, цы ран архайы хъæлæсты æмæ интересты алыхуызонад æмæ мæнмæ гæсгæ, фæстаг мæйты Гуырдзыстон ацы æрдæм аразы къахдзæфтæ.
Бакæсдзыстæм, кæронмæ ацæудзæн Гуырдзыстон демокративон институтты арæзтадæн хъæугæ политикон фæнды фæдыл уыцы вазыгджын куыст сыххæст кæнынæн æви нæ, æмæ кæд афтæ уыдзæн, уæд Гуырдзыстон æцæг лидер уыдзæн регионы æмæ цæвиттойнаг æнтысты истори регионы æддæйæ» – райхъусын кодта Келли Дегнан.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ конференцийыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг Стивен Бигун куыд дзырдта, афтæмæй Гуырдзыстоны активон демократи æмæ ныгуылæнимæ бирæ æнгомдæр интеграцийы хæсист, АИШ-Гуырдзыстоны æмахасты сегасдæр ахсджиаг элементтæ сты.
«АИШ-æ æмæ Гуырдзыстонæн иумæйаг зондахаст ис регионмæ гæсгæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары стабилондзинад, конфликттæй æвдæлон, фарн, цы ран Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн рæзын демокративон хицаудзинады æрдæм. Ацы цæстæнгасимæ разы у Евроцæдис дæр» – банысан кодта минæвар.
Уымæй уæлдай ма минæвар куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ уый уырнæг у цæмæй АИШ-æ æмæ Евроцæдисы партнертæ дæр алцыппæт сараздзысты Гуырдзыстоны æнтыстæн.
«Цытджын Карпанов ныхас кодта æвзæрстытыл ам дæр æмæ АИШ-ы дæр. Цыфæнды фæстиуджытæ уæт нæ бæстæты, уый нæ фæивдзæн АИШ-ы хæсист æмæ Евроцæдисы хæсист Гуырдзыстоны демокративон рæзынады æмæ йæ æнтыстджын евро-атлантикон интеграцийы æрдæм, уымæн æмæ уый у Гуырдзыстоны фæндон æмæ кæд гуырдзиæгты фæнды уый саразын, уырнæг дæн АИШ-æ æмæ Евроцæдис ыпартнертæ алцыппæт сараздзысты цæмæй Гуырдзыстонæн ацы æрдæм æнтыст уа» – райхъусын кодта Келли Дегнан.