Келли Дегнан ныфс дары, цæмæй юстицийы совет, тæрхонгæнджыты снысан кæныны процессы рæстæг ахæцдзæнис
Тæрхонон рефоормæйы фарста азты дæргъы уыдис дебатты темæ æмæ бæрæг у, уый уыдис 19 апрелы бадзырды нысаниуæгджын хай. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, гуырдзиæгтæн сæ зæрдыл лæууы 1990-æм азтæ, куыд тынг кодтой фæзындтæ æмæ нырма дæр ис бæрæг интерес, ныхмæлæуд, цæмæй ма æрцæуа тæрхонон реформæ æмæ ма уа ист Гуырдзыстоны фылдæр хæдбар расттæрхоны системæ Гуырдзыстоны» – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли дегнан фехъусын кодта.
Келли Дегнан ныфс дары, цæмæй юстицийы бæрзонддæр совет, тæрхонгæнджыты снысан кæныны процедурæ ахæцдзæнис.
«Снысан кæныны процедурæ, уыдзæн уый сæйраг тæрхондоны бæрзонддæр совет æви сæйраг тæрхондон, не ‘мбæлы 19 апрелы бадзырды миниуджытæм, цы ран фарсытæ сразы сты лæмбынæг æмæ нысаниуæгджын реформæтæ сыххæст кæныныл сæйраг тæрхондоны бæрзонддæр советы, сывзарыны, снысан кæныны æмæ фæбæрзонддæры процессы, афтæ куыд сæйраг тæрхондоны сывзарыны процессы. Ацы снысан кæнын хъуамæ æрцæуа ног, реформиргонд æмæ фидар системæйæ, кæцы фарсытимæ æмæ алы политикон партиимæ инклюзивон дебатты фæстиуæг у. Растдæр уый тыххæй сидтыстæм советмæ, фембæлд аргъæвынмæ. Йæ ахæцын ис гæнæн июлмæ. Уæдмæ та бирæ рæстæг уыдзæн, кæцы реформæ ауадзыны фадат дæтты, кæцы расттæрхон скæндзæн фидардæр æмæ хæдбардæр. Растдæр уый тыххæй сидтыстæм æмæ ныфс дарæм, цæмæй совет уый йæ зæрдыл бадардзæн æмæ равзарыны процесс ахæцдзæнис» – загхта Келли Дегнан.