Келли Дегнан – хъæддых сидæм хицаугæнæг æмæ оппозицион партитæм, сыххæст кæнæт 19 апрелы бадзырд, куыд лæмбынæг афтæ ахастæй дæр
Нысан у, ноджы тыхджындæр, хуыздæр хæдбар тæрхонон системæ саразын. Уый куыст кæцыйы сыххæст кæнын хъом стæм алчи, уый у куыст, кæцы Гуырдзыстоны сеппæтæй хуыздæр интерестæм хауы – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ты минæвар Келли Дегнан Гуырдзыстоны Юстицийы министр Рати Брегадзеимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Минæвары дзырдæй, зæгъгæ абоны фембæлд уыд фадат, Рати Брегадзейæн Юстицийы министрæй снысан раарфæ кæнын æмæ байхъусын йæ приоритетты тыххæй.
«25 азы дæргъы АИШ кусы Гуырдзыстонимæ йæ тæрхонон системæйы райтынгыл, уый нымæцы тугтæрхоны барады системæйы дæр. USAID-ы юстицийы департаменты, паддзахадон департаменты æмæ АИШ-ы бирæ агентады фæрцы, ис нын рæнхъ программæтæ, кæцытæ здæхт сты Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады системæйы, пенитенцион системæйы æмæ æнæхъæй, тæрхонон системæ стынг кæнын æрдæм. Уый у сферæ кæцыйы нын ис фидар æмгустад. Пайдаджын уыд ныхас министримæ ацы æмгуыстады адарддæрыл æмæ потенционæй ауæрæх кæныныл иуæй-иу приоритетон æрдæмадæй кæцыты уый сбæрæг кæндзæн министрадæн» – райхъусын кодта Келли Дегнан.
АИШ-ы минæвар афтæдæр фæныхас кодта 19 апрелы бадзырды сыххæсты нысаниуæгыл.
«Хъуыды кæнын, алчи дзæбæх зонæм, цæмæй законы сæйрагдзинад æмæ тæрхонон системæ фидар демократийы бындур у. Растдæр уый тыххæй афтæ нысаниуæгджын юстицийы министрадимæ кусы. Фæстаг азты дæргъы, ивгъуыд азы æвзæрстыты фæстæ бадзырдтæм гæсгæйæ, фежтам цæмæй куыд тынг нысаниуæгджын у фидар хæдбар тæрхонон систепмæ. Растдæр уый тыххæй, тынг райгонд уыдыстæм, цæмæй политикон партитæ æрфидыдтой тæрхонон реформæйы уагæвæрдыл, кæцы бацыд 19 апрелы бадзырдмæ. Æнæцудгæйæ сидæм хицаугæнæг æмæ оппозицион партитæм, сыххæст кæнæт 19 апрелы бадзырд, куыд лæмбынæг, афтæ ахастæй дæр. Нысан у ноджы тыхджындæр, хуыздæр хæдбар тæрхонон системæ саразын. Уый у кусæн, кæцыйы сыххæст хъом стæм алчи æмæ уый у куыст кæцы Гуырдзыстоны сеппæ1тæй хуыздæр интерестæм хауы» – банысан кодта Келли Дегнан.