Келли Дегнан Ираклий Гъарибашвилийæн – АИШ-æ адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фембæлдис АИШ-ы минæваримæ Гуырдзыстоны Келли Дегнанимæ.
Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл, æркастысты Гуырдзыстон-АИШ-ы дыууæфарсон æмгуыстады бонвæткы уæвæг фарстыты уæрæх спектр.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй АИШ-æ Гуырдзыстоны иттæг ахсджиаг партнер у æмæ хицауад бæрзонд аргъ кæны официалон Вашингтоны фидар æххуысæн æнæ иу æрдæмадæй, уый нымæцы куыд бæстæйы реформæтæ сыххæст, афтæдæр COVID-19-ы пандемийæ сæвзæргæ экономикон зындзинæдтыл фæтых уыны процессы.
Премьер-министр æмæ минæвар афтæдæр фæныхас кодтой бæстæйы айтынггонд политикон процесстыл. Банысан ис, цæмæй ахсджиаг у дунейы æмæ регионы уæвæг быцæусидты фоныл, фарсытæ сæ тыхархайд раздахой Гуырдзыстоны цæугæ политикон процессты конструктивон, диалогы режимы ауадзынæн.
Америкаг дипломат Гуырдзыстоны премьер-министрæн бæстæйы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн АИШ-ы хъæддых фарсхæцын ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.
«АИШ-ы æмæ Гуырдзыстонæн ис æппæтылæххæссæг бонвæтк æмæ махæн ахсджиаг у, ацы инициативæтыл кусын адарддæр уа ног премьер-министры къухдариуæгæй. Фæнды нæ, политикон кризисыл тагъд фæтых уæм, цæмæй Гуырдзыстон æрыздæха йæ раз уæвæг æндæр нысаниуæгджын быцæусидтытæм, сæ нымæцы экономикон уавæр сæндидзын кæнынмæ. АИШ-æ адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс, цæмæй бæстæ бафæраза экономикæ скусын кæнын ног коронавирусы пандемийыл регаиркæнын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдасдзинад фидар нысаныл сфидар кæнын. Ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарс хæцын», – райхуъсын кодта Келли Дегнан, премьер-министримæ фембæлды фæстæ.
Информацийы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.