Келли Дегнан - Гуырдзыстон цæттæ хъуамæ уа, цæмæй Уæрæсе æвзæрстыты процессы йæхи фæтъысдзæн, уымæн æмæ Уæрæсемæ ис хифæкæныны схемæ, сæ нымæцы дезинформацион кампанитæ
Гуырдзыстон хъуамæ æнхъæлмæ кæса, цæмæй Уæрæсе йæхи фæтъысдзæн æвзæрстыты процессы, уымæн æмæ Уæрæсемæ ис хифæкæныны схемæ, сæ нымæцы дезинформацион кампанитæ æмæ æндæр тыхархайд, кæцы фæдфæдонæй цыдис æмæ æрмæст æвзæрстытимæ баст нæ уыд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли дегнан райхъусын кодта. Журналисттæ минæвар фарстой, 2020 азы парламентон æвзæрстытыл Уæрæсейы гæнæн хифæкæнын маруадзыны тыххæй.
«Ай у уый, цæуыл дæр АИШ æмæ æхсæнадæмон доннортæн ис инициативæ, кæцы ориентиргонд у Гуырдзыстоны æхсæнады зонындзинад сбæрзонддæр кæныны рдæм, æмæ баххуыс уа гуырдзиæгтæн, мæнг уацты, хæрзгъæд журналистикæйæ равзарын бахъом уой.
Афтæма нысаниуæгжын у, цæмæй политикон лидертæ æвзæрстæгнджытæн бадæттой раст информаци уыцы фарстаты фæдыл, кæцы уыдонæн у нысаниуæгджын, сбæрзонддæр кæной се мбарынад ахæм фарстаты, цахæмдæр у экономикæ сæндидзын кæнын, ахуырад, æнæнизхъахъхъæд æмæ а.д. Уый хъæуы, цæмæй æвзæрстгæнджытæ цæттæйæ бацæуой æвзарæнон фадыгмæ. Уый у сегасдæр хуыздæр фæндаг, Уæрæсейæ кæнæ кæцыфæнды æндæр æрдæмадæй рацæуæг дезинформаци басæттынæн», – райхъусын кодта Келли Дегнан.