Келли Дегнан – Гуырдзыстон æмæ АИШ-æ иумæ кусынц Гуырдзыстоны фидæнæн
Æз æмæ мæ бал æххæстæй, йæ фарс хæцæм гуырдзиаг адæмæн æмæ æмкуыст кæнæм Гуырдзыстоны хицауадимæ алы уыцы тыхархайд сыххæсты, кæцы уагъд у Гуырдзыстоны экономикæ стынг кæныны æрдæм, йæ æдасдзинады æмæ арæнты хъахъхъады фæхуыздæр кæнынæн æмæ уыцы демократон институтты райрæзын кæнынæн, кæцытæ сегасдæр сæйраг сты евроатлантикон фиданæн, кæцы гуырдзиæгты абсолютон фылдæрты фæндон у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, телекомпани «Имедиимæ» эксклюзивон интервьюйы райхъусын кодта.
«Тынг хъал стæм уыцы æнтыстытæй, кæцытæ Гуырдзыстонæн ис 30 азы дргъы. Тынг тæлмæнгæнæг у Гуырдзыстон, цæмæй æрцыди уый. Хъал стæм, цæмæй ацы хъуыддаджы нæ хайбавæрд дæр ис, куыд Гуырдзыстоны партнер æмæ Гуырдзыстоны Европаг фидæны сегасдæр фидар æмæ хъæддых хъахъхъæнæг, кæцы фидæны дæр адарддæр уыдзæн.
Гуырдзыстонмæ балцы рæстæджы фембæлын сæдæгай гуырдзиагимæ, кæцыты фылдæр æмгуыстда хъæуы АИШ-имæ. Уыдон уынынц, цæмæй нæ партнерад фæстаг 30 азы дæргъы фæхуыздæр кодта сæ царды æмвæзад æмæ æцæгдæр фундаментон ивддзинæдтæ бахаста ахуырады, æнæнизхъахъъхæды, экономикæйы, Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады тыхты амалхъомдзинады, донбылхъахъхъæды æмæ арæны хъахъхъæды. Алы ацы æрдæмадæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-æ иумæй кусынц Гуырдзыстоны фидæнæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый бæлвырдгæнæг сты Гуырдзыстон рæнхъ æнтыстытæ æмæ зонын, цæмæй иннæ 30 æмæ фылдæр аз, афтæдæр фæстиуæгджын уыдзысты», – райхъусын кодта АИШ-ы минæвар.