Келли Дегнан - Гуырдзиаг æмæ амеркиаг конституцитæ ифтонг кæнынц прессæйы сæрибардзинад, цæмæй цензурæйæ æдæрсгæйæ срухс кæнæм ног хабæрттæ, сæрибар прессæ у демократийы бындур
Гуырдзиаг æмæ амеркиаг конституцитæ ифтонг кæнынц прессæйы сæрибардзинад, цæмæй цензурæйæ æдæрсгæйæ срухс кæнæм ног хабæрттæ æмæ нæ цæстæнгасы тыххæй радзурæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан хъусын кæны.
Дегнан прессæйы сæрибардзинады дунеон бон публикаци кæны видео-сидт.
«Иугонд Штатты æмæ Гуырдзыстоны бирæ иумæйаг аргъдзинад иу кæны æмæ сæ иунæг дæр нæу хæдбарады æмæ сæрибардзы уарзондзинадæй ахсджиагдæр.
Прессæйы сæрибардзинады Дунеы бон хъуыды кæнæм прессæйы кусæг сылгоймæгтыл æмæ нæлгоймæгтыл, кæцытæ сæ царды æмæ карьерæйы аргъæй дæр, стыр тыхархайд кæнынц уымæн цæмæй, æхсæнадæн фехъусын кæной информаци æмæ институттæ æмæ лидертæ хæсджын скæной.
Гуырдзиаг æмæ амеркиаг конституцитæ ифтонг кæнынц прессæйы сæрибардзинад, цæмæй цензурæйæ æдæрсгæйæ срухс кæнæм ног хабæрттæ æмæ нæ цæстæнгасы тыххæй радзурæм.
Сæрибар прессæ демократийы бындур у. Уый тыххæй дæр ахсджиаг у, алцыппæт саразæм уымæн цæмæй нын уа журналистты хъахъхъæнæг дзыллæ, цæмæй уыдонæ æдæрсгæйæ адарддæр кæной кусын.
Афтæмæй абон, прессæйы сæрибардзинады бон, равдисæм медийы æрдæм цыт, нæ срæибардзинад бахъахъхъæнынæн сæ тыхархайды тыххæй» – хъусын кæны Келли Дегнан.
დეგნანი.