Келли Дегнан - Фæстаг азты мидæг АИШ-æ 600 милуаны онг доллар рауæлдай кодта Гуырдзыстоны арæнтæ фæфидар кæнынæн æмæ та йын фидæны дæр баххус уыдзæн
Мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури Гуырдзыстоны АИШ-ы ног минæвар, Келли Дегнанимæ фыццаг официалон фембæлд ауагъта. Информаци хъусын кæны МХМ.
Уагдоны хъусинагæй, фембæлдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгтыминистр æмæ АИШ-ы минæвар, дыууæ бæстæйы æхсæн æнтыстджын æмкуысткæнынад фæарфдæры фадæттæ æркастысты. Вахтанг Гомелаури бахахх кодта криминалы ныхмæ тохы, фыдракæнды превенцийы æмæ арæны хъахъхъæды сферæты фæстиуæгджын æмгуыстады адарддæры нысаниуæг.
Мидхъуыддæгты министр æмæ АИШ-ы минæвар, министрады фадæттæ рапарахат кæныны æмæ барадхъахъхъæнæг сферæйы фидæны æмгуыстады плæнттæ æркастысты.
Келли Дегнан банысан кодта, цæмæй фæстаг азты мидæг АИШ-æ 600 милуан доллар рахицæн кодта Гуырдзыстоны арæнтæ фæфидардæр кæнынæн æмæ та фидæны дæр баххуыс уыдзæн ацы æрдæм.
«Диссаджы фембæлд нын уыд, кæцыйыл нæм лæвæрд æрцыд фадат, æдасдзинады æмæ бирæ æндæр æрдæм, æмкуысткæнынады фарстатæ æркæсын Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн, кæцытæ нырид азтæ у цы даргъ кæнынц. Сæрмагондæй нысаниуæгджын фарста у арæнты хъуыддагыл куыст. Фæстаг цалдæр азы мидæг АИШ-æ 600 милуаны онг доллары рауæлдай кодта Гуырдзыстоны арæйнон секторы хъæугæ ифтонггæрзтæй сифтонг кæнын æмæ кадрты бацæттæйæн æххуысы нысанæй. Гуырдзыстон хъусдард здахы денджызон æмæ сурзæххон арæнты хъахъхъæдыл. АИШ-æ разы у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетимæ, баххуыс уыдзæн арæнты хъахъхъæды фæтыхджындæры» – райхъусын кодта АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.