Келли Дегнан -  Фæстаг азты мидæг АИШ-æ 600 милуаны онг доллар рауæлдай кодта Гуырдзыстоны арæнтæ фæфидар кæнынæн  æмæ та  йын фидæны дæр баххус уыдзæн
Келли Дегнан - Фæстаг азты мидæг АИШ-æ 600 милуаны онг доллар рауæлдай кодта Гуырдзыстоны арæнтæ фæфидар кæнынæн æмæ та йын фидæны дæр баххус уыдзæн

Мидхъуыддæгты министр   Вахтанг Гомелаури  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  ног минæвар, Келли Дегнанимæ   фыццаг официалон  фембæлд ауагъта.  Информаци  хъусын кæны МХМ.

Уагдоны хъусинагæй,   фембæлдыл  Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгтыминистр æмæ АИШ-ы минæвар,   дыууæ бæстæйы  æхсæн  æнтыстджын  æмкуысткæнынад фæарфдæры фадæттæ æркастысты.  Вахтанг Гомелаури  бахахх  кодта   криминалы   ныхмæ  тохы,  фыдракæнды  превенцийы  æмæ  арæны  хъахъхъæды   сферæты  фæстиуæгджын   æмгуыстады   адарддæры   нысаниуæг.

Мидхъуыддæгты министр æмæ   АИШ-ы минæвар,  министрады  фадæттæ  рапарахат кæныны æмæ   барадхъахъхъæнæг  сферæйы  фидæны  æмгуыстады   плæнттæ æркастысты.

Келли Дегнан банысан кодта, цæмæй   фæстаг   азты мидæг АИШ-æ  600 милуан доллар рахицæн кодта  Гуырдзыстоны  арæнтæ  фæфидардæр кæнынæн æмæ  та  фидæны дæр баххуыс  уыдзæн   ацы  æрдæм.

«Диссаджы  фембæлд нын уыд,  кæцыйыл   нæм лæвæрд  æрцыд фадат, æдасдзинады æмæ  бирæ æндæр æрдæм, æмкуысткæнынады  фарстатæ   æркæсын   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн, кæцытæ нырид  азтæ  у  цы  даргъ кæнынц.  Сæрмагондæй  нысаниуæгджын   фарста у   арæнты хъуыддагыл   куыст.   Фæстаг цалдæр азы мидæг  АИШ-æ  600 милуаны онг доллары рауæлдай  кодта   Гуырдзыстоны  арæйнон секторы  хъæугæ  ифтонггæрзтæй  сифтонг кæнын æмæ  кадрты  бацæттæйæн  æххуысы  нысанæй.   Гуырдзыстон хъусдард здахы  денджызон  æмæ  сурзæххон  арæнты  хъахъхъæдыл. АИШ-æ разы у  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад  æмæ   суверенитетимæ, баххуыс  уыдзæн   арæнты  хъахъхъæды  фæтыхджындæры» –  райхъусын кодта АИШ-ы  минæвар   Келли Дегнан.