Келли Дегнан – амнистийы закон 20-21 июны фæзындтæм гæсгæ бæрн фарст сæвæрын нæ цух кæны, фæлæ бæстæмæ æфты размæцыды фадат
Фарсытæ равдыстой реалон æндиуддзинад æмæ лидердзинад, рацыдаиккой компромиссмæ, кæцы бавдыст у бадзырды, – уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, политикон партиты æхсæн бадзырд уыд иттæг нысаниуæгджын размæ арызт къахдзæф.
«Тынг райгонд дæн партитæн сæ бон куы баис æрныхас кæнын. Уый уыд даргъ æмæ вазыгджын фæндаг, кæцыйы рæстæджы фарсытæ равдыстой реалон æндиуддзинад æмæ лидердзинад, рацыдаиккой компромиссмæ, кæцы бавдыст у бадзырды. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, 2019 азы июны фæзындтæ уыд риссаг эпизод алы гуырдзиагæн æмæ нысаниуæгзжын у, цæмæй фарсытæ æрныхас кодтой размæцыды фæдыл амнистийы законы тыххæй. Уый нæ цух кæны ацы фæзындтæм гæсгæ бæрны фарст сæвæрын, фæлæ бæстæйæн дæтты размæцыды фадат», – райхъусын кодта Келли Дегнан.