Келли Дегнан – АИШ у Гуырдзыстоны сеппæтæй  хъæддых  фарсхæцæг НАТО-ы
Келли Дегнан – АИШ у Гуырдзыстоны сеппæтæй хъæддых фарсхæцæг НАТО-ы

АИШ иудадзыг агуры фæндæгтæ, цæмæй партнердзинад кæна  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхтæн, хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй  сбæрзонддæр уа  Гуырдзыстоны амлахъомзинад   æмæ  НАТО-имæ æмбынатиндзинад, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар, Келли Дегнан фехъусын кодта.

Минæвары дзырдæй,   зæгъгæ АИШ  æнгом æмкуыст кæны Гуырдзыстонимæ, цæмæй  бæстæйы  фадæттæ  НАТО-ы æрдæм фæндагыл    сбæрзонддæр уа.

Келли Дегнаны дзырдæй,  АИШ у Гуырдзыстоны сеппæтæй  хъæддых фасрхæцæг  НАТО-йы.

«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй ис  фадат, Гуырдзыстоны лидертæ  ныхас кæной  НАТО-йы  æмцæдисонтимæ æмæ  къухдариуæгадимæ,  бацагурой фæндæгтæ, куыд  нæ  бон у махæн,  алкæмæн,  баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны хицауадæн  куысты, уымæн хъæуы АИШ-ы æмæ НАТО æндæр æмцæдисонтæй  дæргъвæтин   фарсхæцын.  Уыдоны алкæй  фæнды  фенын  Гуырдзыстоны размæцыд НАТО-ы æрдæм фæндагыл, уыцы æдас фидæны æрдæм, кæцы фæнды Гуырдзыстоны æмæ кæцыйы аккаг у», –   райхъусын кодта Дегнан.