Келли Дегнан - АИШ Гуырдзыстонæн 2000 иуаг бæрзонд гъæды цырд тестты комплект рарвитдзæн
Америкæйы Иугонд Штаттæ Гуырдзыстонæн 2000 иуаг бæрзонд гъæды цырд тестты комплект рарвитдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан хъусын кæны йæ видео-сидты.
Минæвары дзырдæй зæгъгæ АИШ-ы хицауады бирæ уагдæттæ хайбавæрд кæнынц Гуырдзыстонæн æххуысы хъуыддаджы, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн æххуыс кæны Америкæйы хъахъхъæнынады департамент дæр.
«Минæварады хъахъхъæнынады тас фæкъаддæрыл аудæг агентад хъавы 100 000 ларийы бæрц, персоналон хъахъхъæнæн ифтонггæрзтæ балхæнын æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадæн адæттын», – райхъусын кодта минæвар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд дзаума гуырдзиаг компанийæ балхæндзысты.
Минæвары информацийæ АИШ Гуырдзыстонæн рарвитдзæн цырд тестты комплекттæ.
«АИШ афтæдæр рарвитдзæн Гуырдзыстонæн 200 иуæг бæрзонд гъæдджын цырд тестты комплекты, кæцыйы фæрцы ис гæнæн вирусы рабæрæг кæнын», – банысан кодта видео-басидты Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар.