Катмандуйы аэропортмæ хæстæг æрхаугæ хæдтæхæджы бортыл 71 адæймаг уыд

Непалы, Катмандуйы  аэропортмæ хæстæг æрхаугæ  хæдтæхæджы бортыл  71 адæймаг  уыд.  Сæ нымæцы экипажы  4 уæнг.

Хæдтæхæг авиакатастрофæ  бавзæрста  Катмандуйы  аэропортмæ хæстæг,  футболон  стадионы сæрты.  Æрхауды фæстæ  салоны фæзындис  арт. Бынатмæ мобилизацигонд  ирвæзынгæнджытæн бантыст 25 адæймагы фервæзын кæнын.  Фæлæ  аст зианбаййафæг  рынчындоны  амардысты.

Ахæлиугонд информацийæ,   Бангладешаг авиакомпанийы сæрмагонд  хæдтæхæг,  Дакъкъайæ  Катмандумæ рейс æххæст кодта.

Бортыл  уыд Непалы   33 æмбæстаг.