«Картули Оцнеба» раргом кодта æвзарæнон номхыгъды  фыццаг дыууын  номы
«Картули Оцнеба» раргом кодта æвзарæнон номхыгъды фыццаг дыууын номы

«Картули Оцнеба – демократон Гуырдзыстон»  æвзарæнон номхыгъды  фыццаг  дыууыны   бавдыста.   Дыууыны   уæнгты  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Иракий Къобахидзе  ранымадта.  Бавдыст ацыд   «Картули Оцнебайы» централон офисы.

Партийы æвзарæнон номхыгъды фыццаг дыууыны  æхсæн уыдзысты:

Бидзина Иванишвили; Ираклий Къобахидзе, Ираклий Гъарбашвили, Шалва Папуашвили, Мамука Мдинарадзе, Тея Цъулукиани, Лаша Тъалахаде, Вахтанг Турнава, Мака Бочъоришвии, Гено Петриашвили, Созар Субари, Мариам Квривишвили, Анри Оханашвили, Николоз Самхарадзе, Эка Чъичъинадзе, Шота Берекашвили, Леван Махашвили, Михеил Хъавелашвили, Гиорги Габуниа, Лика Шартава.

«Куыд æй уынут  афтæмæй, нæ партион  номхыгъды  фыццаг дыууын  сты  политикон  балы  фæлтæрд   æмæ   ног уæнгтæ, ног  цæсгæмттæ, алы кары   минæвæрттæ, æндæр æмæ æндæр сферæйы   архайæг  æнтыстджын  адæймæгтæ» –  банысан кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе  æвзарæнон номхыгъды  бавдисыны  фæстæ.

Уыимæ ма  Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта, цæмæй  26 октбяры  æвзæрстытæ  не сты  хуымæтæг æвзæрстытæ.

«Уый у скуыддзаггæнæг  референдум, кæцыйыл   дзыллæ  фæстагмæ  хъуамæ аскуыддзаг кæна,  æвзары  хæст, æви æвзары  сабырдзинад,  æвзары  дзыллæйы  моралон мыггагсæфт, æви традицин   хæзнатæ, æвзары  æмыр  ивгуыд, æви  Гуырдзыстоны рухс, европаг фидæн.  Уырнæг стæм, гуырдзиаг адæмы фарсхæцынæй   фæуæлахиз уыдзæн   нæ  политикон бал, кæцы  Гуырдзыстоны  сабырады,  намысы.  Фарны  æмæ  Гуырдзыстоны  рухс, европаг фидæны   фæлахиздзинад нысан кæны.   Ноджы  иу  хатт   уын бакой  кæндзыстæм, 26  у нæ  бон æмæ   26 октябры  æнæмæнгæй фæуæлахз уыдзæн Гуырдзыстон», –   райхъусын кодта  премьер.

2024 азы парламентон æвзæрстытæ  26 октябры  ацæудзысты.