«Картули Оцнеба» OSCE-ы  парламентон ассамблейы 31-æм æрвылазон сессийыл ист резолюцийы фæдыл  фидиуæн публикаци кæны
«Картули Оцнеба» OSCE-ы парламентон ассамблейы 31-æм æрвылазон сессийыл ист резолюцийы фæдыл фидиуæн публикаци кæны

«Картули Оцнеба» публикаци кæны  фидиуæн  OSCE-ы  парламентон ассамблейы  31-æм æрвылазон  сессийыл   ист резолюцимæ бахæссинаг   ивдтыты  фæдыл .

Партийы ахæлиугонд  фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, резолюцимæ – «OSCE-ы   роль  цæугæ æдасдзинады  архитектурæйы: парламентон перспективæ»  æфтыд  æрцыд   формулировкæ, кæцы, Уæрæсе цæмæ  баххæссын архайы, ома  радиса цæвиттон  Уæрæсе нæу  конфликты фарс –  раст уый  у.

Уыимæ, «Картули Оцнебайы»  куыд банысан  кодтой афтæмæй, Гуырдзыстоны паддзахадон  интерестæ агайыны тыххæй, Гуырдзыстоны  делегаци кæронбæттæн резолюцийы ныхмæ  схъæлæс кæндзæн.

«Зондзыстут, OSCE-ы   парламентон ассамблейы  31-æм æрвылазон  сессийыл рахастой резолюци номхуындæй: «OSCE-ы   роль  цæугæ æдасдзинады  архитектурæйы: парламентон перспективæ».

Фæнды нæ банысан кæнын, цæмæй  формулировкæ, кæцы  уыд æфтыд  параграфмæ Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны  территориты оккупацийы фæдыл, раст уый у, кæцыйы архайы  Уæрæсе, Женевæйы бадзырдты фæстаг 16 азы дæргъы,  баххæссын – равдиса цæвиттон Уæрæсе нæу  конфликты фарс. Текст   барастæй –  «Тбилисы контролгонд Гуырдзыстоны, Абхаз æмæ Ирыстон бафидауын æнæмæнгхъæугæ у».

Параграфы  кæсæм, цæмæй  конфликты  æртæ  фарс ис – æнахуыр  конструкци у Тбилисы  контролгонд Гуырдзыстон – Абхаз æмæ Ирыстон.

Бараст ма афтæдæр йæ хъуыдыйы дары уый дæр, ома Уæрæсе конфликты алыг кæнын æндæр æмæ æндæр каналтæй архайы, кæцы  афтæдæр дезинформаци у æмæ Женевæйы форматы фæлгæтты уырыссаг  деструктивон  архæйдтыты  сæрыл дзуры. Уый æппæт серьозонæй мæтæфтауæг у, сæрмгондæй та уымæн æмæ,  OSCE у Женевæйы бадзырдты  æмсæрдар  æмæ Иугонд Штаттæ, кæцыйы  минæвæрттæ барасты автортæ сты, у Женевæйы  форматы  уæнг æмæ Гуырдзыстоны  стратегион партнер. Резолюцимæ ацы формулировкæйы бахæссын  йæ ныхмæ у  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады принципæн  æмæ   OSCE æмæ АИШ-ы политикæйæн.

Гуырдзыстоны инициативæ террториты оккупаци ноджы иу барастмæ  бахастаиккой, кæцыйы дзырдæуы   Уæрæсейы  знаггадгæнæг  архæйдтытыл, хъыгагæн ист не рцыд æмæ резолюцийы  мидæг уый  сæ зæрдыл нæ бадарттой.

Гуыдзыстоны  паддзахадон  интересты агайыны тыххæй, делегаци кæронбæттæн  резолюцийы ныхмæ схъæлæс кæндзæн. Махæн бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны хъæлæс куыддзаггæнæг нæу, уымæн æмæ чысыл бæстæ  стæм, ис нын тынг  чылыс  делегаци æмæ  æнæмæнгæй  уыдзыстæм къаддæрты æхсæн, фæлæ  хъæуы  æргомæй зæгъæм, цæмæй  барастытæ  объекивон не сты æмæ бындурæвæрд сты  æрмæст ныхасæй  фидиуæнтыл,  сæ бæлвырдгæнæн æппын ницы ис  афтæ.

Хъыгаг у, цæмæй  ацы конкретон   цауы фæнысангонд  ассамблей Уæрæсейы  хъазт хъазы. Нæ  уынаффæ  у  æнæфæцудгæ æмæ адарддæр кæндзыстæм тох нæ  бæстæйы бахъахъхъæнынæн», – банысангонд у «Картули Оцнебайы»  фидиуæны.